Перейти к содержанию

Инкотермс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

ИНКОТЕРМС

Инкотермс (англ. Incoterms, International commerce terms) - æхсæнадæмон уагæвæрд паддзахадон оргæнтæй, юридкион компанитæй æмæ 'нæхъæн дунейы коммерсанттæй нымад, куыд æхсæнадæмон уæййагады 'ппæты архайгæдæр терминты æмбарынкæнынад, дзырдуаты формæйы, кæцы æмхуызон æмбарын кæны æппæт арæхдæр дзургæ сæудæджерон терминтæ æддæгон уæййагады, уæлдайдæр та йæ хай франко - ран, бæрнад кæм рахизы уæйгæнæгæй æлхæнæгмæ. Инкотермсы спайдайады сферæ æххæссы дыууæ фарсы "ауæй-балхæн" бадзырды барты 'мæ хæстыл, тъоварты

Инкотермсы æхсæнадæмон комитеттæ кæмыты архайынц, уыцы стонтæ

Уагæвæрдтæ фыццаг мыхуыр уыдысты 1936 азы, Æхсæнадæмон тъоргон палатæйæ, йæ фыццаг редакци хуынди «Инкотермс-1936». Барæстытæ æмæ йæм бафтыдтæ уыдысты фæстæдæр конд, 1953, 1967, 1976, 1980, 1990, 2000, 2010 æзты.

Сæргæндтæ

Инкотермс иронау

Алы базонæн термин у æртæдамгъон æббревиатурæ, фыццаг дамгъæ амоны тæпп, хæстæ уæйгæнæгæй кæм ахизынц æлхæнæгмæ:

  • E - арвитæны бынатæй (departure).
  • F - сæйраг фæласты арвитæны терминалтæй, бындурон фæласт фыст нæу (англ. main carriage unpaid).
  • C - сæйраг фæласты æрцыды терминалтæй, бындурон фæласт фыст у (англ. main carriage paid)
  • D - æлхæнæгмæ, æххæстаргъ фæхæццад (англ. arrival).

Инкотермс-2010-ы сты нысангонд 11 термины, кæдонæй 7 бæззынц бындурон фæласты алыхуызон транспортæн дæр.

1. EXW (англ. ex works, франко-æфтауцуат, франко-завод): тъовар æлхæнæгæй истæуы уæйгæнæджы æфтауцуатæй, бадзырды фыст куыд у. Экспортон фиддонтæ банымайдæуынц æлхæнæджы номыл.
2. FCA (англ. free carrier, франко-фæласæг): тъовар баластæуы закъазгæнæджы сæйраг фæласæгмæ, бадзырды цы арвитæны терминал ис хуынд, уырдæм. Экспортон фиддонтæ банымайдæуынц уæйгæнæджы номыл.
3. CPT (англ. carriage paid to...): тъовар баластæуы закъазгæнæджы сæйраг ласæгмæ, бадзырды цы æрцыды-терминал хуынд ис, уырдæм. Бындурон фæласт (перевозка) бафыстæуы уæйгæнæгæй. Фæдзæхстады хæрдзтæ фыстæуынц æлхæнæгæй, тъовары импортон ратъаможнæ скæнын æмæ йæ бахæццæ кæнын сæйраг фæласæджы 'рцыды-терминалæй, скæнгæуы æлхæнæгæй.
4. CIP (англ. carriage and insurance paid to…): CPT-йы хуызон, фæлæ бындурон фæласт фæдзæхстæуы уæйгæнæгæй.
5. DAT (англ. delivered at terminal):бадзырды нысангонд импортон тъаможнæйы терминалмæ бахæццад у фыст, ома экспортон фидинæгтæ æмæ бындурон фæласт, йемæ ма фæдзæхстад, фиды уæйгæнæг; тъаможнæйы асыгъдæггæнæн импорт
6. DAP (англ. delivered at point): тъоварты бадзырды нысангонд ранмæ бахæццад, стæй импортон æмæ бынæттон фиддонтæ æлхæнæгæй фыстæуынц.
7. DDP (англ. delivered duty paid): тъовар бахæццæуы закъазгæнæгæн йæ бадзырды снысангонд ранмæ, алы фиддонтæй æмæ рискæй сыгъдæггонд æрцыдæй.

Ноджы ма Инкотермс-2010-ы нысанггонд сты 4 термины, кæдон хауынц æрмæстдæр денджыз-транспортмæ æмæ территориалон дæтты транспортмæ:''

1. FOB (free on board): тъовар æлхæнæджы наумæ уæзæвæрд æрцæуы, йæ рацырхист иу ласæнæй иннæмæ фиды уæйгæнæг.
2. FAS (free alongside ship): тъовар æлхæнæджы наумæ баластæуы, бадзырды хуынд вæййы авгæнæн порт, рацырхист æмæ бавгæд фиды æлхæнæг.
3. CFR (cost and freight): тъовар баластæуы бадзырды æлхæнæгæй снысангонд портмæ, бындурон фæласты фæдзæхстад, тъовары равгæнын æмæ рацырхын - фиды æлхæнæг.
4. CIF (Cost, Insurance and Freight): CFR-ы хуызон у, фæлæ бындурон фæласт фæдзæхстæуы уæйгæнæгæй.