Перейти к содержанию

Æдасрон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æдасрон

Æдасрон (уырыс. - ремень безопасности) - пассивон æдасдзинады мадзал, нысангонд у автомобилы (кæнæ æндæр транспортон мадзалы) пъассажиры йæ бынаты æлхъывд бастæй ныууадзынæн, авари скæнгæйæ, кæнæ та æнæнхъæлæджы фæуромгæйæ.

Æдасронæй спайдакæнын, бахизы пъассажиры буар инерцийæ фезмæлдтытæй, æмæ, хъуыдымæгæсгæ, йæ уæвинаг сæмбæлдтæй транспортон мадзалы интерьерыл, кæнæ иннæ пъассажиртимæ (куыд ма фæхуындæуынц, фæрсагон цæфтæ), æмæ ма гарантиаг у, пъассажир кæй баззайдзæн бадгæйæ, цæмæй æдасбазты фегом æнæкъуыхцыйæ 'рцæуа, куыд æмбæлы, афтæ.